ЦХИНВАЛ, 11 июн – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстонæн тыхæй ма пайда кæныны фæдыл документы бафыст у иууыл ахсджиагдæр Фæскавказы регионы стабилондзинад æмæ æдасдзинад сæххæст кæнынæн. Уый тыххæй фехъусын кодта РХИ президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женеваг дискусситы æмсæрдартимæ фембæлды рæстæджы.
ИНО, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ традицимæ гæсгæ æрцыдысты Цхинвалмæ дискусситы радон раунды хæдразмæ.
Коцты Константины ныхæстæм гæсгæ, ноджы ма иу ахсджиаг фарст у Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæны делимитаци.
"Ацы фарст скъуыддзаг куы æрцæуа, уæд регионы иуварс æрцæудзысты арæнимæ баст инциденттæ. Бирæ хатт адæм нæ фæзонынц, кæуылты цæуы паддзахадон арæн", - банысан кодта президенты уынаффæгæнæг.
Коцты Константин ма бахахх кодта, æбæрæгæй фесæфæг адæмы проблемæ дæр кæй хъæуы скъуыддзаг кæнын, фæлæ Гуырдзыстон дарддæр цæлдухртæ æвæры ацы фарсты фæдыл.
Фембæлды фыццаг хайы фæстæ фарсытæ дарддæр дзурдзысты фарстытыл æнæ журналистты хайадистæй.
Цхинвалы цæуы Женеваг дискусситы æмсæрдарты фебæлд
© Sputnik / Мария Санакоева