Хуссар Иры донхӕсгӕнӕндон "Ныфс" ацы аз йӕ дуӕрттӕ бакӕндзӕн фӕстӕдӕр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иунӕг донхӕсгӕнӕндон "Ныфс" ацы аз йӕ дуӕрттӕ бакӕндзӕн фӕстиатимӕ. Санаторийы ныртӕккӕ иуварс кӕнынц зымӕджы митуарды фӕстиуджытӕ.
Донхосгӕнӕндоны директор Чилӕхсаты Владимиры ныхӕстӕм гӕсгӕ, курорт нывӕнды райсын фыццаг улӕфджыты мӕйы кӕрӕтты.
"Санаторий байгом уыдзӕн нысангонд ӕмгъуыдӕй фӕстӕдӕр, мых ныртӕккӕ цӕттӕ кӕнӕм объект, иуварс кӕнӕм зымӕджы митуарды фӕстиуджытӕ. Ацы зымӕджы ӕркалд иу мӕнгагъуыст ӕмӕ бахъыгдард инфраструктурӕ", - загъта донхӕсгӕнӕндоны директор.
Афтӕ ма Чилӕхсаты владимир фехъусын кодта уагдоны баконды датӕмӕ Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс" ӕмӕ районон хицауад дзырд радтой аскъуыддзаг кӕнын фӕндагон инфраструктурӕ ӕмӕ электроифтонгады проблемӕтӕ.