НТВ-йы ӕртӕ кусӕджы райстой уӕззау цӕфтӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 июн – Sputnik. НТВ телеканалы уацхӕссӕг Алексей Ивлиев ӕмӕ ноджы дыууӕ кусӕджы райстой уӕззау цӕфтӕ Горловкайы Донецкы Адӕмон Республикӕйы, хъусын кӕны РИА Новости.
"Профессионалон хӕстӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ Горловкайы Никитовский районы уӕззау цӕфтӕ райстой Алексей Ивлиев ӕмӕ НТВ-йы ноджы дыууӕ кусӕджы", - хъусын кӕны агентад горӕты мэр Иван Приходькойы ныхӕстӕ.
Горловкайы администрацийы сӕргълӕууӕг банысан кодта, зинабаййафджыты ӕвӕстиатӕй кӕй бакодтой горӕты рынчындонмӕ.