Хуссар Иры минӕвар ссис Уӕрӕсейы чемпион практикон ӕхстӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны минӕвар Джиоты Дауыт рамбылдта Уӕрӕсейы чемпионат практикон ӕхстӕй (IDPA).
Ерыстӕ цыдысты Цӕгат Ирыстоны горӕтгӕрон хъӕу Джызӕлы.
"Ныр цыппар азы ӕз архайын Цӕгат Ирыстоны командӕйы сконды",- загъта Sputnik Джиоты Дауыт.
Уый Хуссар Ирыстоны минӕварӕн йӕ фыццаг ӕнтыст нӕу: амӕй размӕ ма уый бацахста призон бынттӕ гуырахстджын ерысты.
Ерысты архайдта 80 спортсмены горӕттӕ Санкт-Петербург, Мӕскуы, Воронеж, Цӕцӕн ӕмӕ ӕндӕр республикӕтӕй.
Джиоты Дауыт