ЦХИНВАЛ, 17 июн - Sputnik. Фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ) ӕрцыд Гуфта-Къуаиса фӕндаджы 4-ӕм километрыл. УАЗ хӕдтулгӕйы шофыр, Ерцъойы хъӕуы 53-аздзыд цӕрӕг нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн транспортон фӕрӕз афӕлдӕхт.
Аварийы фӕстиуӕгӕн фӕмард пассажир, Ерцъойы хъӕуы 42-аздзыд цӕрӕг.
Шофыры бакодтой рынчындонмӕ буары цӕфтимӕ.
ФТЦ бынаты кусынц барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ, бӕрӕг цӕуынц цауы ӕууӕлтӕ.