Цӕгат Иры туристон комплекс "Мамысон"-мӕ фӕндаг цӕттӕ у 80 проценты бӕрц – Меняйло

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 июн – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ӕппӕтсезонон хӕххон туристон-рекреацион комплекс "Мамысон"-мӕ фӕндагӕн сцӕттӕ кодтой йӕ 80 проценты, фехъусын кодта къуырисӕры республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
"Фӕндагон службӕтӕ дарддӕр кусынц фӕндаджы кӕронбӕттӕ этапыл – Дӕллаг Зӕрӕмӕгӕй "Мамысон"-ы курортмӕ. Куыстыты ивгъуыд дыууӕ сезонмӕ специалисттӕ рауӕрӕх ӕмӕ сфидар кодтой фӕндаджы бындур, ауагътой доны трубӕтӕ, бацӕттӕ кодтой фӕндаджы фадгуытӕ асфальт сӕвӕрынмӕ", - загъта регионы разамонӕг.
Сергей Меняйло бафтыдта, зӕгъгӕ, "Мамысон"-мӕ фӕндагон куыстытӕ хицауад нывӕнды балхынцъ кӕнын ацы азы кӕронмӕ.