Цхинвалы цады цы сывӕллоны фервӕзын кодтой, уый уавӕр у рӕстӕмбис – РБМЦ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 июн - Sputnik. Къуырисӕры Цхинвалы цады цы фарастаздзыд сывӕллон фӕцӕйдӕлдон кодта, уый уавӕр у рӕстӕмбис, фехъусын кодтой Sputnik-ӕн Республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ).
"Сывӕллоны уавӕр у рӕстӕмбис, уый ракодтой сывӕллӕтты хайадмӕ", - загътой рынчындоны.
Уый размӕ хъусын кодтой, къуырисӕры Цхинвалы цады кӕй ӕрцыд трагеди: ӕвзонг сылгоймаг фӕдӕлдон йӕ сывӕллоны ирвӕзынгӕнгӕйӕ. Цады цур цы нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдон уайтагъд багӕпп кодтой саби ӕмӕ сылгоймаджы фервӕзын кӕнынмӕ. Фыццаг уыдон систой сывӕллоны, фӕлӕ сылгоймаджы удӕгасӕй райсын донӕй сын нал бантыст.