Библи ирон æвзагыл фæзынд мобилон уæлæмхасæны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 июн – Sputnik. Библийы тæлмацы Институты специалисттæ рауагътой Сыгъдæг чиныджы æххæст верси ирон æвзагыл мобилон уæлæмхасæнæн, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Ног уæлæмхасæн "Ирон Библи" арæзт æрцыд адæмæн, кæцытæн нæ бантыст райсын мыхуыргонд рауагъд æмæ сæ ныр фæнды пайда кæнын Библийæ сæ смартфонты.
"Уæлæмхасæны фадат ис æмрæстæджы кæсын уырыссаг æмæ англисаг æвзагыл дæр, афтæ ма дзы ис географион картæтæ æмæ глоссарий сæйраг терминтимæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Афтæ ма Институт кусы Библийы ирон тексты аудиозаписыл, уымæй дæр пайда кæныны фадат уыдзæн уæлæмхасæны руаджы.
Ирон æвзагыл Библи мыхуыры рацыд 2022 азы сентябры æмæ ссис нысаниуæгджын цау ирон адæмæн.
Новое приложение "Ирон Библи"