ЦХИНВАЛ, 18 июн – Sputnik. Цхинвалы администраци æрсидт цæрджытæм, цæмæй сæхи ма найой горæты цады.
Цхинвалы цады къуырисæры ӕрцыд трагеди: ӕвзонг сылгоймаг фӕдӕлдон йӕ сывӕллоны ирвӕзынгӕнгӕйӕ. Цады цур цы нӕлгоймӕгтӕ уыд, уыдон уайтагъд багӕпп кодтой саби ӕмӕ сылгоймаджы фервӕзын кӕнынмӕ. Фыццаг уыдон систой сывӕллоны, фӕлӕ сылгоймаджы удӕгасӕй райсын донӕй сын нал бантыст.
Фæстæдæр мэрияйы загътой, уыцы бон горæты къухдариуæгад кæй аскъуыддзаг кодта ауадзын фæлварæн, цæмæй саргъ кæной цады цæттæдзинадæн найыны сезонмæ. Цад байдзаг кодтой 20 проценты бæрц æмæ дзы цыд змæст дон, кæцы нæ бæззы найынæн.
"Цхинвалы администраци зæрдыл æрбалæууын кодта, тестон процедурæты кæронмæ æмæ æнæмæнгхъæугæ барлæвæрдтæ райсыны онг цады найын нæй гæнæн", - банысан кодтой Цхинвалы администрацийы.