Хуссар Иры байгом уыдзӕн сӕрдыгон лагерь сывӕллӕттӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты сфӕлстады Галуаны базӕйыл бакӕндзысты сӕрдыгон лагерь сывӕллӕтты боны уӕвынадӕн, радзырдта Sputnik-ӕн республикӕйы ахуырады министрады уӕлӕмхасӕн ахуырад ӕмӕ хъомылады фӕдыл хайады консультант Гӕджиты Анна.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, лагеры уыдзӕн дыууӕ сменӕйы: кӕстӕр скъолайон кары сывӕллӕттӕн (1-4 кълӕстӕ) ӕмӕ хистӕр кълӕсты ахуырдзаутӕн (5-8 кълӕстӕ).
"Лагеры фыццаг сменӕ райдайдзӕн 15 июлы ӕмӕ цӕудзӕн 26 июлы онг, дыккаг та – 29 июлӕй 9 августмӕ. Алкӕцы сменӕйы дӕр хайад райсдзысты 60 сывӕллоны", - загъта Гӕджиты Анна.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, лагеры программӕйыл нырма куыст цӕуы, фӕлӕ бӕрӕггонд у, сывӕллӕттӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц цымыдисон мадзӕлттӕ.
"Мах нывӕндӕм ауадзын алыгъуызон спортивон ӕмӕ культурон мадзӕлттӕ, сорганизаци кӕнын экскурситӕ, балцытӕ, хъӕзтытӕ. Сывӕллӕттӕ бабӕрӕг кӕндзысты ӕвзонг техникты Станц ӕмӕ ӕвзонг натуралистты Станц", - радзырдта Гӕджиты Анна.
Лагерьмӕ сывӕллӕтты ныффыссын гӕнӕн уыдзӕн 8 июлӕй.