ЦӔК снысан кодта ног ӕрсидты парламенты фыццаг рабадты датӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 июн - Sputnik. Централон ӕвзарӕн къамис (ЦӔК) снысан кодта ӕстӕм ӕрсидты парламенты фыццаг рабадты датӕ, хъусын кӕны къамисы официалон сайт.
Хуссар Ирыстоны 9 июны ацыдысты депутатты ӕвзӕрстытӕ. Сӕ фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, парламенты ног ӕрсидты уыдзысты цыппар партийы: "Иугонд Ирыстон", "Ныхас", "Адӕмон парти" ӕмӕ Коммунистон парти. Уыдон райсдзысты 17 мандаты, ноджы уыййас ма райсдзысты иумандатон зылдтӕй депутаттӕ.
Ног ӕрсидты парламенты фыццаг рабадт ацӕудзӕн 24 июны 11.00 сахатыл. Ӕмбырды рӕстӕджы равзардзысты закондӕттӕг органы спикер ӕмӕ йӕ хӕдивджыты.