Запорожаг областӕй сывӕллӕттӕ ӕрвитынц каникултӕ Цӕгат Иры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 июн – Sputnik. Запорожаг областы Черниговы районӕй сывӕллӕттӕ ӕрвитынц сӕрдыгон каникултӕ Цӕгат Ирыстоны, фехъусын кодта йӕ Телеграм-каналы республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
Гуманитарон проекты фӕлгӕтты 18 сывӕллоны Запорожаг областы Черниговы районӕй бакодтой сывӕллӕтты лагерь "Хурджын Ирыстон"-мӕ. Сывӕллӕттӕн ӕрвылбон дӕр арӕзт цӕуы хъӕзныг культурон-хиирхӕфсӕн программӕ.
"Ацы сывӕллӕттӕ бавзӕрстой хӕстон рӕстӕджы зындзинӕдтӕ, ӕмӕ сын ныр та фадат ис райсын сабыр царды хорздзинӕдтӕ. Мах архайӕм, цӕмӕй сын баххуыс кӕнӕм ферох кӕнын сӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ сын ӕрхӕссӕм фылдӕр хъӕлдзӕг бонтӕ", - банысан кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг.
Ирыстоны июль ӕмӕ августы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ноджы 80 сывӕллонмӕ Запорожаг областӕй.