Владимир Путин æмæ Ким Чен Ын бафыстой бадзырд стратегион æмгуыстады фæдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 июн - Sputnik. Уæрæсе æмæ Корейаг Адæмон Демократион Республикæ Владимир Путин æмæ Ким Чен Ыны хайадистæй баныхасы фæлгæтты бафыстой бадзырд стратегион æмгуыстады фæдыл, хъусын кæны РИА Новости.
Уый размæ уæрæсейаг лидер схуыдта ацы документ фундаменталон æмæ банысан кодта, уый кæй уыдзæн Уæрæсе æмæ Цæгат Корейы ахастыты бындур дæргъвæтин периодмæ.
Бадзырд раивта дыууæ бæстæйы ахастыты фæдыл бындурон документтæ – 1961 азы хæларад æмæ æххуысы фæдыл бадзырд, 2000 азы хæларад æмæ æмгуыстады фæдыл бадзырд, афтæ ма Мæскуы æмæ Пхеньяны декларацитæ 2000 æмæ 2001 азы. Ног документ фæзынд, уымæн æмæ æрцыд дунейы геополитикон уавæры эволюци æмæ рауæрæх сты дыууæварсон ахастытæ фæстаг азты дæргъы. Бадзырд ахъаз уыдзæн Цæгат-Скæсæны Азийы регионы стабилондзинадæн.
Владимир Путин