Гом у фӕндагон змӕлдӕн: Хъорнисы фӕуд кӕны хиды арӕзтад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 июня –Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Хъорнисы хъӕуы фӕуд кӕны хиды арӕзтад. Куыстытӕ кӕронмӕ ӕххӕст не рцыдысты, фӕлӕ объект гом у фӕндагон змӕлдӕн. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта Знауыры районы администрацийы хистӕр Гобозты Алан.
"Сӕйраг куыстытӕ фесты, ис ма дзы чысыл бацаразинӕгтӕ, уый фӕстӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн эксплуатацимӕ официалон ӕгъдауӕй", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ма ацы комы ацы аз фӕнд кӕнынц фӕндаджы фондз километры асфальт скӕнын.
Ног хиды арæзтад нывæсты уыд 2025 азмæ, фæлæ ивгъуыд аз сæрды тæрккъæвдаты фæстæ хид банымадтой тæссагыл æмæ йæ сæхгæдтой автотранспорты змæлдæн. Уæд аразджытæ сæвæрдтой рæстæгмæ ахизæн дæр. Зæронд хиды демонтаж æмæ ног саразыны фæдыл арæзтадон куыстытæ райдыдтой 2023 азы фæззæджы. Хид иу кæны районы хъæутæ (Хъорнис, Цъорбис, Сихиат æмæ Æлыгуат) республикон трассæ Цхинвал-Знауыримæ.