Хуссар Иры ссардтой 1920 азы геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 июн – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕмы ссардтой 1920 азы ирӕтты геноциды амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. Цхинвалы кӕрон Згъудеры уӕлмӕрды ацыд 13 коммунары цыртдзӕвӕнмӕ дидинтӕ сӕвӕрыны церемони.
Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгады минӕвӕрттӕ президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, министрадтӕ ӕмӕ уагдӕтты сӕргълӕуджытӕ, парламенты депутаттӕ, афтӕ ма республикӕйы ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.