Цӕгат Иры фӕдзӕхсынц тӕркъӕвдатӕ ӕмӕ ихуардӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 июн - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ) расидт штормон фӕдзӕхст тӕрккъӕвдатӕ, ихуард ӕмӕ тыхмдыгӕйы тыххӕй, ӕвзӕр боныгъӕд адарддӕр уыдзӕн сабаты онг, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
"Цæгат Кавказы гидрометеослужбæйы фæткдаруаты информацимæ гæсгæ, 21 ӕмӕ 22 июны Цӕгат Ирыстоны территорийыл уыдзысты тӕрккъӕвдатӕ, ихуард ӕмӕ тыхдымгӕтӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Ӕвзӕр боныгъӕды аххосӕй цӕугӕдӕтты гӕнӕн ис фӕфылдӕр уа доны ӕмвӕзад, хӕхты та гӕнӕн ис ӕрцӕуой цъыфы зӕйтӕ. Министрад сиды регионы цæрджытæм, цæмæй æххæст кæной сæрмагонд æдасдзинады фæтктæ.