Дагестаны терактты фӕстиуӕгӕн амардысты полицийы 15-ӕй фылдӕр кусӕджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 июн - Sputnik. Полицийы 15-ӕй фылдӕр кусӕджы фӕмардысты терактты фӕстиуӕгӕн Дагестаны, афтӕ ма амардысты цалдӕр граждайнаг ӕмбӕстаджы дӕр, фехъусын кодта регионы сӕргълӕууӕг Сергей Меликов.
"Полицийы 15-ӕй фылдӕр кусӕджы амардысты теракты фӕстиуӕгӕн, уыдон хъахъхъӕдтой сабырдзинад Дагестаны. Ноджы ма цалдӕр граждайнаг ӕмбӕстаджы дӕр амардысты сабыр объекттӕм бабырсты рӕстӕджы", - загъта регионы сӕргълӕууӕг.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, оперативон-хӕстон мадзӕлтты активон фазӕ Махачкала ӕмӕ Дербенты фӕцис, куынӕг ӕрцыдысты ӕхсӕз фыдгӕнӕджы.
Меликов бафтыдта, зӕгъгӕ, Дагестаны уавӕр контроль кӕнынц барадхъахъхъӕнджытӕ.
РИА Новости куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй хуыцаубоны Дербент ӕмӕ Махачкалайы гарзджын хӕстонтӕ сӕххӕст кодтой бабырст дыууӕ рӕстдинон аргъуаны, синагогӕ ӕмӕ Паддзахадон автоинспекцийы постмӕ.