Хуссар Иры Знауыры районы ӕндидзын кӕнынц фӕндӕгтӕ тӕрккъӕвдаты фӕстӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры Знауыры районы ӕндидзын кӕнынц фӕндагон инфраструктурӕ, кӕцы бахъыгдард ис тӕрккъӕвдаты фӕстӕ. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта районы хистӕр Гобозты Алан.
Мӕйы райдайӕны районы къорд хъӕуы ӕрцыд их ӕмӕ стыр къӕвдатӕ, уыдон зиан ӕрхастой фӕндӕгтӕ, исад ӕмӕ тыллӕгӕн.
"Гомарты бӕрӕгбонмӕ арӕзт ӕрцыд фӕндаг сӕйраг кувӕндонмӕ. Къӕвдаты афтӕ бахъыгдард ӕмӕ йын ахӕм уагы ныууадзын нал уыд", - загъта Гобозты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныр та цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарад йӕ тых ратдзӕн Чъорбаул ӕмӕ Гъуертеуы хъӕутӕм фӕндӕгты арӕзтадмӕ, уыдон дӕр фӕласта дон. Уымӕй дарддӕр ма Знауыры районы Ӕлыгуаты хъӕумӕ фӕндаг дӕр рауӕрӕх кодтой ӕмӕ сраст кодтой.