Уӕрӕсейаг ӕфсад фехста фӕсарӕйнаг ракетӕтимӕ ӕфтауц Одессайы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 июн - Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсад фехста завод "Краян"-ы район Одессайы, цы ран уыд фӕсарӕйнаг ракетӕты ӕфтауц, хъусын кӕны РИА Новости Николаевы сусӕг куысты координатор Сергей Лебедевы ныхӕстӕ.
"Одессайы фехстой завод "Краян". Нӕ информацимӕ гӕсгӕ, заводы уыд ног фӕсарӕйнаг ракетӕты ӕфтауц. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ сӕххӕст кодтой егъау цӕф райсом аст сахатыл", - загъта Лебедев.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕфы бын бахаудтой дӕс фӕсарӕйнаг ӕххуырст ӕфсӕддоны дӕр.
Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ фехстой Одессайы завод ракетӕтӕ "Калибр"-ӕй, украинӕйаг уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ не скуыстой, бафтыдта координатор.