Фрязинойы зынгсирвӕзты фӕстиуӕгӕн фӕмардуӕвджыты нымӕц схызт ӕхсӕз адӕймаджы онг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 июн – Sputnik. Мӕскуыйы областы Фрязинойы административон бӕстыхайы зынгсирвӕзты бынаты ӕхсӕвы ссардтой цыппар адӕймаджы мӕрдон буӕрттӕ, хъусын кӕны РИА Новости.
"Цыппар фӕмардуӕвӕджы ссардтой райсомӕй бӕстыхайы ӕвдӕм уӕладзыгыл", - хъусын кӕны агентад эстренон службӕты ныхӕстӕ.
Знон Мӕскуыйы областы Фрязино бӕстыхайы ӕрцыд зынгсирвӕзт фондз мин квадратон метры фӕзуатыл. Бӕстыхайы адӕмӕн нал уыд рахизӕн эвакуацион фӕндӕгтыл.
Цыппар уӕладзыджы ӕнӕхъӕнӕй басыгъдысты.