Хуссар Иры сног кодтой Аджиты Вадимы агуырд

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 июн - Sputnik, Нина Мохаммад. Хуссар Ирыстоны сног кодтой Аджиты Вадимы агуырд, уый фесӕфт майы радайӕны, фехъусын кодта республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-сулжбӕйы кусӕг Кокойты Лана.
"Хуссар Ирыстоны прокуратурӕйы хъӕппӕрисӕй 25 июны сног кодтой агурӕн мадзӕлттӕ ӕмбӕстаг Аджиты Вадимы уӕвынады бынат ссарыны тыххӕй. 250 адӕймаджы скондӕй къорды архайынц УУМ 75 кусӕджы, уыдон сгарынц хъӕдджын бынӕттӕ микрорайон "Хурзӕрин"-ы алфӕмблай", - загъта уый.
Хъыгагӕн, ныры онг агурӕн мадзӕлттӕ фӕстиуджытӕ нӕ радтой. Пресс-службӕйы хъусинагмӕ гӕсгӕ, нӕлгоймаджы фесӕфыны фӕдыл нырма верситӕ нӕй.