ЦХИНВАЛ, 25 июн - Sputnik. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло æрдзырдта Харьковы областы æфсæддон-граждайнаг администрацийы разамонæг Виталий Ганчевимæ уыцы регионы сывæллæттæн республикæйы улæфт сорганизаци кæныны фарстыл. Уый тыххæй Сергей Меняйло фехъусын кодта йæ telegram-каналы.
Ганчев знон æрцыд Цæгат Ирыстонмæ кусæгон балцы.
Харьковы областы æфсæддон-граждайнаг администрацийы разамонæг Виталий Ганчев
© Photo : Пресс-служба главы и правительства РСО-Алания
"Уазджытимæ æрдзырдтам ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабæзты æмгуыстады перспективæтыл. Афтæ ма æрныхас кодтам нæ ресбуликæйы сывæллæттæн сæрдыгон улæфт сорганизаци кæныны фарстытыл", - банысан кодта Меняйло.
Ганчевимæ Цæгат Ирыстонмæ æрцыд Годжысаты Тамерлан, уый цалдæр азы дæргъы уыд республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнныады министрады разамонæг. Ныр та кусы аналогион бынаты Харьковы областы, бафтыдта Меняйло.
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло
© Photo : Пресс-служба главы и правительства РСО-Алания