Хуссар Иры ацӕудзӕн хӕдбардзинады банымады бонӕн нывонд равдыст

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрад бацӕттӕ кӕндзӕн Тугъанты Махарбеджы номыл нывгӕнӕн ахуыргӕнӕндоны студенттӕ ӕмӕ рауагъдонты равдыст. Экспозици ӕрымных кӕндзысты Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады бонмӕ. Уый тыххӕй радзырдта культурӕйы министр Зӕгъойты Рада президент Гаглойты Алан ӕртыццӕджы ахуырадон уагдоны куы бабӕрӕг кодта, уӕд.
"Бацӕттӕ кӕнут уӕ студенттӕ ӕмӕ рауагъдонты куыстытӕ. Равдисдзыстӕм хуыздӕр нӕм цы ис, уый", - загъта Зӕгъойты Рада.
Равдыст хаст ӕрцӕудзӕн хӕдбардзинады банымады бонӕн нывонд мадзӕлттӕм.
Ӕртыццӕджы президент Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон ахуыргӕнӕндон. Президент аныхас кодта ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ студенттимӕ, фӕдта сын сӕ куыстытӕ.