Цхинвалы милици сконфискаци кодта тобӕгонд нозт

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 июн - Sputnik. Цхинвалы милицийы кусджытӕ рейдты рӕстӕджы ссардтой горӕты дуканитӕй иуы тобӕгонд энергетикты 40 иуӕджы, фӕткхалджыты фӕдыл сарӕзтой административон протокол, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Басгӕрсты фӕстӕ фӕткхалджыты фӕдыл ӕрӕмбырдгонд ӕрмӕг барвитдзысты Цхинвалы тӕрхондонмӕ", - банысан кодтой уагдоны.
Министрады зæрдыл æрбалæууын кодтой, Хуссар Ирыстоны энергетикон нозтыл тобæ кæй архайы 2012 азæй фæстæмæ. Фæткхалджытæм æнхъæлмæ кæсы ивар административон фæткхалды æрмæджыты конфискациимæ.