Уӕрӕсемӕ ӕрыздӕхтысты украинӕйаг уацарӕй 90 уӕрӕсейаг ӕфсӕддоны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 июн - Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрад ныммыхуыр кодта украинӕйаг уацарӕй 90 уӕрӕсейаг ӕфсӕддоны ӕрыздӕхыны видеокадртӕ.
Баныхасы фӕстиуӕгӕн Уӕрӕсемӕ ӕрыздӕхтысты 90 ӕфсӕддоны, уыдон уыдысты уацары Украинӕйы.
Ӕфсӕддонтӕ бадзырдтой сӕ хиуӕттӕм, цӕмӕй сын фехъусын кӕной, кӕй ӕрыздӕхтысты хӕдзармӕ.
Уӕрӕсейаг хӕстонтӕ ныр рацӕудзысты хоскӕнынад ӕмӕ реабилитаци Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады медицинон уагдӕтты.