Мæргъиты Марат ссис Европæйы чемпионаты бронзæйон призер греко-римаг хъæбысхæстæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 июн – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ирыстойнаг греко-римаг хъæбысæйхæцæг Мæргъиты Марат рамбылдта бронзæйон майдан Европæйы чемпионаты 17 азы кары спортсменты æхсæн Сербийы.
Мæргъиты Марат бацахста æртыккаг бынат 60 килограммы уæзы категорийы. Бронзæйон майданыл тохы ирон хъæбысæйхæцæг рамбылдта туркаг Мелих Цегины 9:0 хыгъдæй.
Еыропæйы фыццагад спортивон хъæбысхæстæй цæудзæн Сербийы 7 июлы онг.