ЦХИНВАЛ, 27 июн - Sputnik. Уæрæсе, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны делегацитæ Женеваг дискусситы фæлгæтты банхъардтой æрдзурын фæзуат ахæссыныл Женевайæ æндæр бынатмæ, хъусын кæны Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад (ФХМ).
Женевайы 25-26 июны ацыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон Женеваг дискусситы 61-æм раунд.
"Швейцари нейтралон статусæй кæй рахызт, уый фæдыл Уæрæсе, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстон æрсидтысты æрдзурын Дискусситы рабадтытæ ахæссын Женевайæ æндæр бынатмæ. Уыимæ иумæ банысангонд æрцыд баныхасы формат бавæрыны æнæмæнгхъæуындзинад", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, Женеваг дискусситы фидæн раунд ацæудзæн ацы азы кæрæтты.