ЦХИНВАЛ, 28 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады дарддæр цæттæ кæнынц FPV-дронты операторты, сæ нымæц зынгæ фæфылдæр, цæттæ специалисттæ хуыздæр кæнынц сæ профессионалон курдиат, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
"РХИ хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг, булкъон Сабанты Иналы фæдзæхстмæ гæсгæ, зынгæ фæфылдæр ис дронты фидæны операторты нымæц", - банысан кодтой министрады.
Ахуырты рæстæджы къордтæ ахуыр кæнынц FPV-дронты тактико-техникон характеристикæ, хæстон уавæрты сæ пайда кæныны тактикæ, афтæ ма операторты ахуыр кæнынц компьютерон симулятортыл дæр. Фыццаджы курсытæ æнтыстджынæй чи рацыд, уыцы æфсæддонтæ дарддæр ахуыр кæндзысты дронтыл реалон уавæрты, бафтыдтой министрады.