Сыгъдӕг Мад Майрӕмы аргъуан Цъунары фӕуыдзӕн реставраци йӕ кувӕн бонмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Сыгъдӕг Мад Майрӕмы аргъуан Цхинвалы районы Цъунары хъӕуы фӕуыдзӕн реставраци йӕ кувӕн бон, 21 сентябрьмӕ, фехъусын кодтой Sputnik-ӕн Алайнаг епархийы. Кувӕндоны, кӕцы амад ӕрцыд XIV ӕнусы, мидӕггагон куыстытӕ нӕ цыд 25 азы дӕргъы.
"Мидӕггагон куыстытӕ цӕуынц кувӕндоны мидӕгӕй, фӕнд кӕнӕм куыстытӕ балхынцъ кӕнын фыццӕгӕм сентябрьмӕ, цӕмӕй 21 сентябры банысан кӕнӕм Мад Майрӕмы кувӕн бон", - загъта фыд Симон.
Цалдӕр азы размӕ кувӕндонӕн ивд ӕрцыд йӕ агъуыст дӕр.