Сырх дзаурӕн ӕрластой черепицӕ Европӕйӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы Сырх дзуары арӕзтадӕн черепицӕ ӕрхӕццӕ Цхинвалмӕ, кӕцымӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты дыууӕ азы бӕрц. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн фехъусын кодта Алайнаг епархийы динамонӕг, фыд Симон.
"Черепицӕ ӕрластам Цхинвалмӕ Сырх дзуарӕн. Ныридӕгӕн мах ныхас кӕнӕм специалисттимӕ, кӕцытӕ гъӕдджынӕй сараздзысты агъуыст", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, черепицӕйы ӕрласт ныффӕстиад ис санкциты тыххӕй, арӕзтадон ӕрмӕг уагъд у Хорватийы, фӕлӕ йӕ самал кодтой Словенийы.
"Нырмӕ йӕ дардтой складты ӕмӕ уый хӕрдзтӕ йӕ аргъӕй фылдӕр слӕууыдысты", - бахахх кодта уый.
Сырх дзуар амад ӕрцыд XIX ӕнусы, фӕлӕ кӕцыдӕр историктӕ нымайынц йӕ бынаты кӕй уыд ноджы рагондӕр кувӕндон.