Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ фехстой аэродром Миргород ӕмӕ скуынӕг кодтой авд СУ-27 хӕдтӕхӕджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 июл – Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ иттӕг дырыс хӕцӕнгарз "Искандер-М"-ӕй фехстой аэродроом Миргород Полтавайы областы ӕмӕ скуынӕг кодтой авд украинӕйаг хӕдтӕхӕджы СУ-27. Нысӕнттӕ скуынӕг кӕныны кадртӕ ныммыхуыр кодта Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын тыхтæ "Искандер-М"-æй фехстой аэродром Миргород ӕмӕ скуынӕг кодтой авд СУ-27 хӕдтӕхӕджы", - фехъусын кодтой уагдоны.
Хъахъхъæнынады министрады бахахх кодтой, ракетон цæфы фæстиуæгæн кæй скуынæг кодтой фондз Су-27, афтæ ма дыууæ хæтæхæджы, кæцыты цалцæг кодтой.