Хуссар Иры ногӕрсидтонтӕ ард бахордтой

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 июл – Sputnik, Томайты Аманда. Ӕнусон арты раз Каде Аллейы ацыд РХИ Гарзджын тыхты ӕвзонг фӕлтӕры ротӕйы ард бахӕрыны цытджын церемони.
Ӕвзонг ӕфсӕддонтӕн раарфӕ кодта уӕлдӕр командӕгӕнӕг Гаглойты Алан.
Хуссар Иры ногӕрсидтонтӕ ард бахордтой
"Нӕ зынаргъ ӕфсӕддонтӕ, абон сымах ард бахордтат Фыдыбӕстӕйы раз. Райгуырӕн бӕстӕ хъахъхъӕнын та у Хуссар Ирыстоны алкӕцы ӕмбӕстаджы хӕс дӕр. Сымах абоны бонӕй уыдзыстут дӕнцӕг рӕзгӕ фӕлтӕрӕн. Сымах хъуамӕ сӕрыстырӕй дарддӕр хӕссат уӕ фыдтӕ ӕмӕ фыды фыдты намыс, уыдон хӕцӕнгарзимӕ бахъахъхъӕдтой нӕ хӕдбардзинад", - загъта Гаглойты Алан.
Президенты зӕрдӕ загъта ногӕрсидтонтӕн аккаг службӕ ӕфсады рӕнхъыты.
Ӕвзонг фӕлтӕры ротӕ рацыд ӕвзонг хӕстоны курс, уый рӕстӕджы ногӕрсидтонтӕ радтой нормативтӕ топографийӕ, инженерон ӕмӕ ӕфсӕддон-медицинон цӕттӕкӕнынадӕй, афтӕ ма сӕххӕст кодтой марш-бросок ӕмӕ фехстой штатон хӕцӕнгарзӕй.
Хуссар Иры ногӕрсидтонтӕ ард бахордтой