Милици æрцахста йæ мады амарæг нæлгоймаджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны милицийы æрцахста Дзауы районы Ерцъойы хъæуы 45-аздзыд цæрæджы, кæцымæ зæрдæ æхсайы йæ мады амарынмæ, фехъусын кодта республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Оперативон-сгарæн мадзæлтты рæстæджы милици æрцахста Ерцъойы хъæуы 45-аздзыд цæрæджы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Фæдагуырды бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нæлгоймаг изæры амардта йæ мады æмæ уый фæстæ фæтары цауы бынатæй.
Фæдагуырдон-оперативон къордтæ æрцахстой нæлгоймаджы цалдæр сахаты фæстæ.