Путин ӕрцыд Казахстанмӕ Шанхайы ӕмгуыстады организацийы саммиты хайад райсынмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 июл - Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин ӕрцыд Казахстаны столицӕ Астанамӕ, цӕмӕй хайад райса Шанхайы ӕмгуыстады организацийы саммиты, хъусын кӕны РИА Новости.
Саммиты хӕдразмӕ уӕрӕсейаг президенты нывӕсты ис ахсджиаг дыууӕварсон фембӕлдтӕ Китай, Турк, Казахстан, Азербайджан, Монголи ӕмӕ Пакистаны лидертимӕ, афтӕ ма Ираны ӕххӕстгӕнӕг хицауады сӕргълӕууӕлджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгимӕ.
Саммиты программӕйы сӕйраг хай ацӕудзӕн цыппӕрӕмы. Саммиты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, бафыст ӕрцӕудзысты 24 иумӕйаг документы ӕмӕ хатдзӕгон деклараци.