ЦХИНВАЛ, 3 июл – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Уæрæсейаг специалисттæ баххуыс кæндзысты сæ хуссарирыстойнаг коллегæтæн фæфылдæр кæнын ахуырад æмæ зонады министрад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады архайды эффективондзинад. Уый тыххæй журналисттæн пресс-подходы рæстæджы фехъусын кодта Уæрæсейы экономикон райрæзты министры хæдивæг Дмитрий Вольвач.
"Ацы спецаилисттæ бацæуынц Хуссар Ирыстоны ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады объекттæм, сбæрæг кæнынц, куыд цæуынц республикæйы ахуырадон æмæ æнæниздзинады хъахъхъæнынады процесстæ, уый. Афтæ ма уыдон раттынц рекомендацитæ, цæмæй фæфылдæр уа медицинон æмæ ахуырадон лæггæдты гъæд", - загъта экономикон райрæзты министры хæдивæг.
Дмитрий Вольвач бахахх кодта, зæгъгæ, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны хицауадты æхсæн иумæйаг куысты сæйрагдæр хæслæвæрдтæй иу уыдзæн фæхуыздæр кæнын республикæйы донифтонгады системæ.
Афтæ ма Вольвач бафтыдта, Инвестпрограммæйы фæлгæтты ахсджиаг объект кæй у Цхинвалы дыккæгæм астæуккаг скъолайы реконструкци.