ЦХИНВАЛ, 5 июл – Sputnik, Плиты Фатимæ. Республикон амбулаторон-поликлиникон медицинон центры дохтыр-онколог Тадтаты Алесия хайад исы дæсæм Æхсæнадæмон онкологион форумы Санкт-Петербурджы.
Онкологийы фадыджы егъаудæр цау æрæмбырд кодта специалистты Уæрæсейæ, афтæ ма æввахс æмæ дард фæсарæнтæй. Форум уагъд цæуы Уæрæсейы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады къухдариуæгады бын.
"Тадтаты Алесия фыццаг хатт хайад нæ исы ацы форумы. Дохтыр банысан кодта, уый йын кæй у егъау фæлтæрддзинад", - фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады пресс-секретарь Томайты Ирина.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, дохтыры балцæн баххуыс кодтой æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Джыгкайты Томас æмæ Хуссар Ирыстоны Сбербанчы директор Бекъойты Сослан.