ЦХИНВАЛ, 5 июл - Sputnik. Уæрæсейаг æфсæдтæ ракетон цæф фæкодтой Украинæйы Гарзджын тыхты (УГТ) объекттæ Черноморскы Одессайы областы, куынæг æрцыд хæстæрмæджыты æфтауц, афтæ ма цæттæкæнынады центр, цы ран бритайнаг инструктортæ ахуыр кодтой дæлдон диверсантты, фехъусын кодта майрæмбоны РИА Новости Николаевы сусæг куысты координатор Сергей Лебедевы ныхæстæ.
Ноджы ма иу ракетон цæф уæрæсейаг æфсæдтæ фæкодтой авиацалцæджы завод Конотопы Сумыйы районы – уым ис æнæпилотон тæхæг аппараттæ аразыны цех.
Лебедевы ныхæстæм гæсгæ, срæмыгъды фæстæ аэродроммæ горæты центрæй ацыдысты тагъд æххуысы дæс хæдтулгæйы.