Ӕвзонг туристты ӕппӕтуӕрӕсейаг ӕмбырд: Цӕгат Ир райсдзӕн 300-йӕ фылдӕр хайадисӕджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 июл – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны улӕфӕн базӕ "Комы-Арт"-ы ацӕудзӕн ӕвзонг туристты ӕппӕтуӕрӕсейаг ӕмбырды финалон этап, хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады пресс-службӕ.
Дыууӕ къуырийы дӕргъы, 20 июлӕй 3 августы онг 300-йӕ фылдӕр адӕймаджы бабӕрӕг кӕндзысты Цӕгат Ирыстоны фендтаг бынӕттӕ, сахуыр кӕндзысты йӕ культурӕ ӕмӕ истори, рацӕудзысты туристон маршруттӕ. Фӕлтӕрд специалисттӕ методикон ӕххуыс бакӕндзысты мадзалы ӕвзонг хайадисджытӕн ӕмӕ ауадздзысты ахуыртӕ хӕххон бынӕтты ӕдасдзинады фӕдыл.
Мадзалы рӕстӕджы ӕдасдзинад ӕххӕст кӕндзысты республикӕйы барадхъахъхъӕнӕг органты ӕмӕ Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕ, афтӕ ма медицинон персонал.