Дзæуджыхъæу, 10 июл – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Дыууæ хатты Советон Цæдисы хъайтар Плиты Иссæйы номыл цы полк арæзтæуы, уый æрбынат кæндзæн Цæгат Ирыстоны, Мæздæджы. Нырма йын разамынд дæтдзæн республикæйы президенты æмæ хицауады администрацийы къухдариуæггæнæг Гобеты Ибрагим. Уый тыххæй йæ пресс-конференцийы фехъусын кодта регионы сæрглæууæг Сергей Меняйло.
"Алы регион дæр архайы гарзджын тыхтæ ифтонг кæныныл. Нæ лæппутæй бирæтæ – иу-800 адæймаджы бæрц – ацыдысты æмæ ныр дæр цæуынц службæ кæнынмæ æндæр регионтæм. Цæуынц цасдæрбæрцæй мызды тыххæй, алы рæттæм афтынц. Мæй-дыууæ мæйы фæстæ нæм сæ хæстæджытæ `рбацæуынц, нæ хæстонты сæхиуæттæм фæнды, зæгъгæ. Ныртæккæ куыст цæуы полчы сырæзты тыххæй директивæйыл, цæттæ кæнæм ифтонгады план", – загъта Меняйло.
Полк хаудзæн 58 æфсадмæ. Йе скондмæ бацæуæн уыдзæн бархийæ. Уырдæм ракæндзысты, сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстæ æндæр рæтты чи `ххæст кæны æмæ ног полкмæ рахизын кæй фæнды, уыдоны.
"Алани" полчы сконды нæ уыдзæн – уый хицæн хайад у, ис ын йæхи сæрмагонд нысан. "Шторм.Осетия"-йы райсдзысты хицæн батальонæй", – фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы фæстæ полчы службæгæнджытæн сæ бон уыдзæн Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министрадимæ контракт бафыссын æмæ дарддæр æфсæддон службæ цæуын.