Цӕгат Иры уӕлӕмхасӕн ахуырады системӕ ӕрдӕг азмӕ райста 118 милуан сомы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 июл - Sputnik. Цӕгат Ирыстон 2024 азы райста 118 милуан сомы ног куысты бынӕтты арӕзтадӕн уӕлӕмхасӕн ахуырады системӕйы, фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, 20 мин адӕймагӕн националон проект "Ахуырад"-ы руаджы фадат уыдзӕн архайын алыгъуызон здӕхтыты, сӕ нымӕцы туристон дӕр.
"Фӕрӕзты хай ныридӕгӕн рахицӕн кодтам "Туризмы станц"-ы моделы реализацийӕн ӕнӕмӕнгхъӕугӕ инфраструктурӕйы арӕзтадӕн", - ныффыста регионы разамонӕг йӕ telegram-каналы.
Меняйло бахахх кодта, ахӕм ахуыртӕ Цӕгат Ирыстоны кӕй сты тынг популярон. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, июлы кӕрӕтты республикӕмӕ ӕвзонг туристты Ӕппӕтуӕрӕсейаг ӕмбырдмӕ ӕрцӕудзысты 400 скъоладзауы.
Националон проект "Ахуырад"