Хуссар Иры хæсты ветерантæ ацæудзысты санаторитæм

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 июл - Sputnik, Плиты Фатимæ. 1989-2008 азты Хуссар Ирыстоны территорийыл хæстон архæйдтыты рæстæджы инвалидтæ чи систы, уыдонæн æххуысы фонд ветеранты арвитдзæн санаторитæм. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта фонды сæргълæууæг Плиты Мадинæ.

"Хæсты фæцæфуæвджытæ улæфынмæ æмæ хос кæнынмæ ацæудзысты "Тамиск", "Урсдон", "Згъубир" æмæ "Нагутни"-мæ. Развæлгъау хъуамæ рацæуой медицинон басгæрст æмæ æрæмбырд кæной хъæугæ документтæ. Санаторитæм цæуынц барвæндæй, фæлæ фыццаджыдæр æрвитæм, уæззаудæр цæфтæ чи фæци, уыдоны" – загъта Плиты Мадинæ.

Уымæй дарддæр, фæбæлвырддæр кодта, хосгæнæн уагдæттæ æвзæрст кæй цæудзысты хæстонтæн сæ низыхатмæ гæсгæ.