Хуссарирыстойнаг теннисисткæ – Нальчикы ацæуæг турниры хуыздæр хайадисджыты `хсæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 июл - Sputnik. Нальчикы ацыд уæлыстъол теннисæй æхсæнрегионон турнир. Ерысты 16 тыхджындæр архайæджы нымæцмæ бахауд хуссарирыстойнаг спортсменкæ Кокойты Амандæ.

"Амандæ акодта цыппар хъазты, уыдонæй æртæйы рамбылдта" – фехъусын кодта Фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты пресс-службæ.

Амандæйæ дарддæр Хуссар Ирыстоны номæй турниры архайдтой Касрадзе Майя, Тедеты Алинæ æмæ Цхуырбаты Иринæ.