Хуссар Иры хуыцаубоны банысан кæндзысты Фидауынгæнæджы бон

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны Хуыцаумæ скуывдтæ æмæ дидинты сæвæрдæй банысан кæндзысты Æмхæццæ тыхты æрбаконды 32-æм афæдзы бон.
Хуыцаумæ скуывдтæ ацæудзысты хуыцаубоны райсомæй Фырсыгъдæг Мад Майрæм æмæ Сыгъдæг Æртæиуоны аргъуанты.
Уый фæстæ Фидауынгæнджыты уынгыл стеллæмæ сæвæрдзысты дидинтæ уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг фидауынгæнджыты сгуыхтдзинæдтæн скад кæныны нысанæн.
Æмхæццæ тыхтæ баконд æрцыдысты хъаугъайы зонæмæ 1992 азы 14 июлы, Сочийаг бадзырдты бындурыл. Се `сконды уыд æртæ батальоны: Уæрæсейæ, Цæгат Ирыстонæй æмæ Гуырдзыстонæй. Фидауынгæнджытæ сæ мисси æххæст кодтой 2008 азы онг.
2008 азы Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырста, уæд фыццаг цæф сæхимæ райстой уæрæсейаг фидауынгæнджытæ. Уыцы агрессийы дзуаппæн Уæрæсе аскъуыддзаг кодта агрессоры сабырадмæ тыхæй æркæныны операци ауадзын. Фондз боны карз тохты фæстæ гуырдзиаг æфсадыл ахæцыдысты республикæйæ æддæмæ.
Как отметят День миротворца в Южной Осетии