Æрмæстдæр дыууæ ирон уæгъдибар хъæбысæйхæцæджы хайад райсдзысты Олимпиадæйы Парижы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 июл – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ирыстойнаг уæгъдибар хъæбысæйхæцджытæ Уалыты Чермен æмæ Салхъазанты Таймураз ацæудзысты Олимпиаг хъæзтытæм, уыдон цæудзысты Парижы 26 июлæй 11 августмæ. Уæгъдибар хъæбысхæсты турниры хайадисджыты номхыгъд мыхуыр æрцыд Хъæбысхæсты иугонд дунейы сайтыл (United World Wrestling).
Дыууæ спортсмен дæр тох кæндзысты майдантыл 74 килограммы уæзы категорийы. Уалыты Чермен турниры архайдзæн Албанийы командæйы сконды, Салхъазанты Таймураз та хъахъхъæндзæн Словакийы спортивон кад.
2024 азы Олимпиадæйы хъуамæ хайад райстаиккой ноджы æртæ ирыстойнаг хъæбысæйхæцæджы – Найфонты Артур (86 кг), Сидахъты Зауырбег æмæ Цæболты Хетик (дыууæ дæр 74 кг). Фæлæ Найфонты Артур æмæ Сидахъты Зауырбеджы ерыстæм нæ бауагъта æхсæнадæмон олимпиаг комитет, Цæболты Хетик та райста травмæ цæттæкæнынады рæстæджы.