ЦХИНВАЛ, 12 июл - Sputnik. Уæрæсейаг фарсы хъудымæ гæсгæ нырма раджы у дзурын Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женеваг дискусситæ æндæр бынатмæ ахæссыны æмгъуыдыл, фехъусын кодта йæ интервьюйы РИА Новостийæн Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) сæргълæууæджы хæдивæг Михаил Галузин.
"Фыццаджыдæр, фæнды мæ банысан кæнын, уæрæсейаг фарс кæй нывæнды бавæрын баныхасы формат, фæлæ хъæуы раивын мадзал уадзыны бынат", - бахахх кодта министры хæдивæг.
Галузин фехъусын кодта, дискусситæ Женевайæ кæй фæнд кæнынц ахæссын, уымæн æмæ Швейцари фесæфта нейтралитеты статус Украинæйы конфликты контексты.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, нырма раджы у дзурын дискусситы рахæссыны æмгъуыд æмæ географийыл, уымæн æмæ дарддæр цæуы куыст ацы фарсты фæдыл консенсусыл.
Уыимæ иумæ Михаил Галузин радзырдта, уæрæсейаг позициимæ разы кæй сты абхазаг æмæ хуссарирыстойнаг цæдисонтæ дæр.