Хуссарирыстойнаг импрессионист равдисдзæн йæ куыстытæ Санкт-Петербурджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 июл – Sputnik, Томайты Амандæ. Санкт-Петербурджы Чехойты Асланы номыл Ног музейы æвдыст æрцæудзысты хуссарирыстойнаг нывгæнæг Æлборты Лирæйы куыстытæ. Лирæ йæхæдæг Sputnik-æн куыд загъта, афтæмæй экспозици байгом уыдзæн 19 июлы æмæ йæ фенæн уыдзæн 18 августмæ.
Нывгæнæг Æлборты Лирæйы куыст
Нывгæнæг ис сфæлдыстадон къорд "Tskhinval 5"-ы сконды. Фарон сын Санкт-Петербурджы уыдис иумæйаг равдыст. Уый сæрæвæрæн фæцис ног культурон цауæн.

"Фарон "Tskhinval 5" срæвдз кодта коллективон равдыст. Уый фæстæ мæм организатортæ фæдзырдтой æмæ мæ фæхуыдтой хисæрмагонд равдыст саразынмæ. Куыннæ хъуамæ сразы уыдаин. Цыфæнды нывгæнæг дæр бацыбæл уыдаид ахæм хъуыддагмæ" – радзырдта Æлборты Лирæ.

"Цвет – это я" – ахæм ном уыдзæн равдыстæн.
Нывгæнæг Æлборты Лирæйы куыст