ЦХИНВАЛ, 15 июл – Sputnik. Милицийы кусджытæ ссардтой Цхинвалы 60-аздзыд цæрæгмæ гæны къутæртæ, хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Нæлгоймаджы хисæрмагонд хæдзары басгæрсты рæстæджы милицийы кусджытæ ссардтой гæны къутæртæ. Зайæгойтæ райстой æмæ сæ арвыстой МХМ экспертон-криминалистон центрмæ. Иртаст равдыста, зайæгойты кæй ис наркотикон буарад тетрагидроканнабинол", - бахахх кодтой министрады.
Ныр нæлгоймагмæ æнхъæлмæ кæсы уголовон бæрндзинад наркотикон буарадимæ къутæртæ зайын кæныны тыххæй.