ЦХИНВАЛ, 15 июл – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Уӕрӕсейы экономикон райрӕзты министры хӕдивӕг Дмитрий Вольвач ӕрсидт инвестортӕм цӕст ӕрдарын Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазмӕ.
"Мах иумӕ аразӕм бирӕ, цӕмӕй паддзахӕдты инвестицион потенциал ӕмӕ сӕудӕджерадон-экономикон рӕзт фылдӕр кӕна. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы форумы уыдзӕн бирӕ адӕм, кӕцыты цымыдис кӕндзысты инвестицитӕ республикӕмӕ, мах та алыварсон ӕххуыс бакӕндзыстӕм инвестортӕн: административон, барадон, организацион ӕмӕ гӕнӕн ис финансон дӕр", - загъта Вольвач.
Цӕцӕны къуырисӕры райдыдта Кавказы инвестицион форум, мадзал уагъд цӕудзӕн 17 июлы онг. Форумы программӕ ӕрбаиу кодта 60 кусӕгон мадзалы ӕмӕ 300 эксперты.