Михаил Мишустин бабæрæг кодта Хуссар Иры стенд Кавказы инвестицион форумы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 июл - Sputnik. Уæрæсейы хицауады сæрдар Михаил Мишустин дыццæджы бабæрæг кодта Хуссар Ирыстоны стенд Кавказы инвестицион форумы Грозныйы.
Стенды цур Мишустинимæ фембæлдысты Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан, хицауады сæрдар Джуссойты Константин æмæ экномикæйы министр Хъотайты Сæрмæт.

"Размæ цæут. Дарддæр дæр уын æххуыс кæндзыстæм", - загъта Мишустин Хуссар Ирыстоны президентæн.

Уæрæсейы хицауады сæрдары зæрдæ загъта республикæйæн стыр æнтыстытæ.
Форумы фыццаг бон Хуссар Ирыстоны делегаци фембæлд Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Александр Новакимæ.
Цӕцӕны къуырисӕры райдыдта Кавказы инвестицион форум, мадзал уагъд цӕудзӕн 17 июлы онг. Форумы программӕ ӕрбаиу кодта 60 кусӕгон мадзалы ӕмӕ 300 эксперты.