Цхинвалы байгом сӕрдыгон лагерь сывӕллӕттӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны базӕйыл байгом сӕрдыгон лагерь сывӕллӕтты боны уӕвынадимӕ. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта лагеры директор Харебаты Сюзанна.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццаг потокы улӕфынц 80 сывӕллоны Цхинвалы скъолатӕй.
Сывӕллӕтты лагерь райста улӕфджыты фыццаг поток къуырисӕры. Сывӕллӕттӕн бацӕттӕ кодтой хъӕзныг программӕ.
"Лагеры фыццаг бон райдыдта ирон ӕвзагӕй. Мах акодтам сывӕллӕтты Абайты Уасойы цыртмӕ Цхинвалы ӕмӕ радзырдтам нӕ номдзыд ӕмбӕстаджы сгуыхтдзинӕдты тыххӕй. Къуырийы дӕргъы ма ацӕудзысты ирон кафты бон ӕмӕ ирон литературӕйы бон", - банысан кодта Харебаты Сьюзанна.
Цхинвалы байгом сӕрдыгон лагерь сывӕллӕттӕн
Лагеры фыццаг сменӕ кусдзӕн 29 июльмӕ, уый фӕстӕ сывӕллӕтты раивдзӕн дыккаг поток – уыдон дӕр райдайӕн скъолайы ахуырдзаутӕ. Лагеры ӕртыккаг сменӕйы та уыдзысты фӕндзӕм къласӕй хистӕрдӕр ахуырдзаутӕ.
"Фыццаг сменӕйы куысты рӕстӕджы сывӕллӕттӕн сорганизаци кӕндзысты экскурситӕ Национ музеймӕ, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты музеймӕ. Сывӕллӕттӕ бабӕрӕг кӕндзысты доны гуырӕнтӕ Хеиты хъӕуы ӕмӕ ӕндӕр фендтаг бынӕттӕ", - бафтыдта Харебаты Сьюзанна.
Директоры ныхӕстӕм гӕсгӕ, лагеры кусджытӕ ӕмархайд кӕнынц Ӕвзонг техникты станц ӕмӕ Ӕвзонг натуралистты станцимӕ. Ацы уагдӕтты кусджытӕ ауадзынц сывӕллӕттӕн мастер-класттӕ.
Цхинвалы байгом сӕрдыгон лагерь сывӕллӕттӕн